Ирыстон дидин æфтау - Xædbar
Хуссар горæт, андеграунд,
рæстдзинад уæлахиз уæд.
Алчи дæр хъæрæй зæгъæт,
сæрибар кæнæ мæлæт.
Мæсты йæ бынат нæ арын,
хæцæнгарз у сатæг-сау.
Абон дын тæрхон кæнын,
абон дæн æз дæ Хуыцау.
Рæстдзинадæн никуы уыд,
мæгуыр дæ æуый хъæзныг.
Рæуæг сæр, дæ дзыхыл хæц,
кæннад æрцахсдзынæ нæмыг.
Цæссыгтæ фæлидзынц рустыл,
нæ йæ æмбæрыс кæй дæ æгад.
Æдзæсгомæн цæсгом нæ вæййы,
Ирыстонæн ды дæ мард.
Æгæр цыбыр у зæххон цард,
алчи дæрæй хъуамæ æмбарæт,
Авдæн у нæ фыццаг уат,
фæстаг та æсвæййы табæт.
Æфсымæртæ дзæнæты бадæт,
аппардзæнис уд мæ буар.
Чи зоны тæрхоны фæстæ,
бакæнон дзæнæты дуар.
Базард:
Ирыстон дидин æфтау.
Æмæ баххуыс кæн нын стыр Хуыцау.
Алцы дæр у ныр уæййаг,
фесæфта йæ тых Фемида.
Уæйгæнæг йæ алы хæс дæр,
нæмæнг хъуамæ тугæй фида.
Алчи дæр фæкувы æхцайæн,
лæгдзинадыл сæрфынц къæхтæ.
Хистæртæ кæстæрты сафынц,
мемæ иумæ нæрынц хæхтæ.
Дзидзæг кæныс ме`взагæй,
худыс ды мæ адæмыл.
Нæ йæ мбарыс... талынг,
лæууыс мæлæты фæндагыл.
Кæй нæ зоныс ды иронау,
буцæй йæ æппæлыс.
Цъупп былтæй, афтид сæрæй,
мæ Ирыстон æвхæрыс.
Нæ йæ зонын сом цы уыдзæн,
нал баззадис тасы мур.
Чи зоны мæ цард фæуа,
ма уал мыл æссæуа хур.
Бузныг дын стыр Хуыцау,
кæй мын ратай фидар мон.
Алцæй тыххæй бузныг дын,
бузныг дын, кæй дæн Ирон.
Базард:
Зæгъ Хуыцау куыд уон, ды мæ Ирыстон
Куы дзæнæт мын дæ, куы та зындон.
Ирыстон дидин æфтау.
Æмæ баххуыс кæн нын стыр Хуыцау.
Раттæм кæрæдзимæ къухтæ,
балæууæм кæрæдзи фарсмæ.
Уастырджы хъæрæй нын зæгъта,
Ирæттæ æрмæст дæр размæ.
Иумæ бахизæм мах нæ зæхх.
ма рох кæнæм рагон æвзаг,
Баххуыс кæнут Иры зæдтæ,
тæрсы иудзинадæй æзнаг.
Банкъар ды мæ зæрды рис
ныхæстæм лæмбынæг хъус.
Цалынмæ нæ чысыл Ирæн,
Уастырджы нæ зæгъта рухс.
Ма рох кæнут чи стут,
ма къул кæнут сæр æзнæгтæн.
Ма рох кæн фæндаг,
кæцы кæны сыгъдæг бынæттæм.
Базард:
Ирыстон дидин æфтау.
Æмæ баххуыс кæн нын стыр Хуыцау.
Зæгъ Хуыцау куыд уон, ды мæ Ирыстон
Куы дзæнæт мын дæ, куы та зындон.