Æнкъардæй мысæм мах нæ горæт, уым ысхъомыл ыстæм буц,
Йæ иудадзыг фæлмæн рæвдыдæй никуы баззадыстæм цух.
Нæ ныййарджыты ‘взонг цæстытæ ‘нустæм зæрдæйы цæрынц,
Ныры дуджы зыгъуыммæ бонты махæн удвидар дæттынц.
Дæ уынгты алы бæлас, Цхинвал, махæн у адджын хæлар,
Фæлæ дæ Фарн уæлдай адджын у, – Стыр Хуыцауы уаз лæвар.
Дæ зæронд нарæг уынгты уарзæг зæрдæ хи цардæй цæры,
Æмæ Ивгъуыды нывтæ арæх ирдæй, хъалдзæстæй уыны.
Мæ разы сабибонты ‘мбæлттæ ‘гасæй, хъæлдзæгæй лæууынц,
Сæ мидбылты мæм, хуртау, худынц, цин нæ фембæлдыл кæнынц.
Æваст ныппæххæтæввонг систы цæссыгтæ, мæгуыр уæ бон, –
Нæ сæ зоны йæ хъысмæт иу дæр, ивгъуыд ивын нæу нæ бон.
Æрцæуинаг æвирхъау цаутæн нæй нæ Цхинвалы бынат,
Паддзахиуæг кæны нæ сæнтты адæмыл æрмæстдæр уарзт.
Зæрдылдарæны рог уылæнтæй ме ‘мбæлттæ уæлдай нæ домынц,
Æмæ ивгъуыды дуджы бонтæм мæн зæрдæскъæф балцы хонынц.
Мæ цæсты раз мæ скъола февзæрд, м‘ ахуыргæнджытæ, мæ кълас.
Куыд æвзæнгтæ уыдыстут, уастæн, уарзын уæ Хуыцауы йас.
Нæ хорз цардæн куыд нæ аргъ кодтам, абон ыл фæсмон кæнæм,
Фæлæ ивгъуыды бонты хъару ‘дæрсгæ зæрдæты хæссæм.
Нæхи Цхинвалыл балцы стæй «Ирыстон»-ы кино цæуы,
Нæ амондджын уалдзæджы ‘вдисæн райгæ, ногсæрстæй, кæсы.
Дарддæр – «Фидиуæг», йæ фарсмæ рæвдауæндæттæ лæууынц,
Сæ кæртты буц сабитæ хъазынц, хъæлдзæг хъæр-хъыллист кæнынц.
Мæнæ – алæмæттаг дуне, хъазæнты паддзахад раст,
Аргъæутты хъайтартæн махмæ уыд уæй-тæрхæгтæй сæ каст.
«Сабиты дуне» йæ хонынц мах Цхинвалы, мах фынты,
Ам æнæркастæй æмбийы, уым дзы цард пæлхъ-пæлхъ кæны.
Мæнæ дзуттæгты сых, хъулон, дардыл хорз тæфтæ кæлы,
Мæнæ мын зæронд ус, худгæ, нугайы къаффетт дæтты.
Нæ царды абухгæ уылæнтæ Знонæй Сомбонмæ цæуынц.
Хъылдымтæ ц‘ арæзтæдты кодтам, ног фæлтæртæ уым цæрынц,
Мæ зынгхуыст хæлæрттимæ ‘рзылдтæн иууыл адджындæр къуымтыл,
Мæ хъуыры галы богъ ныббадти, ‘дзухдæр мæм цыди кæуын.
Уымæл цæстытæй кастæн, рохст, мæ хæлæртты сурæт куыд тад,
Мæ диссаджы балцы фæстæ мын Абон кодта марджы ад.
Нæртон горæт уыди нæ Цхинвал, уазæгуарз фысымы арм
Æрцæуæгыл рæдау узæлыд, хай йын кодта уды хъарм.
Йæ уæздандзинадæн ын алчи йæ уды не ссардта бынат,
Йæ чъизи къæхтæй йын йæ риуыл афæдтæ кодта налат.
Йæ уд ын баууилынмæ хъавы, ‘рдумæ йын йæ Фарн нæ дары,
Сæдæсæрон æвиллон мамм, йæ сомбон ын кæрæфæй давы.
Фæлæ нæ зæрдæты цæрдзæн нæ Цхинвалы рæсугъд мысинаг,
Зæронд Цхинвалы Фарн, Æфсарм уæндонæй саразæм хъуыдиаг
Æмæ ивгъуыд бонты хæрзтæн ыссарид кæд бынат нæ Суинаг.
2021