➿➿➿➿➿➿➿➿➿➿➿➿➿
Ӕрӕджы нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг ӕмбырды боны фӕткмӕ рахаста иу ахсджиаг фарста — бынӕтты участокты пъӕлицӕйӕгтӕ куыд кусынц, уый сбӕлвырд кӕнын.
Горӕты цӕрджытӕй бирӕтӕ хъаст кӕнынц «участковый»-ты куыстӕй, иуӕй-иу пъӕлицӕйӕгты хуызмӕ дӕр нӕ зонынц. Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты 70-ӕм азты кӕрон, мӕ сабибонты нӕ хъӕуы ӕрвылбон кӕй уыдтон, уыцы участокты милиционертӕ Къудухты Гришӕ ӕмӕ Хъӕцмӕзты Шаликъо, фӕсномыгӕй йӕ Гукъури хуыдтой. Уыдон куыд куыстой адӕмимӕ, уый радзургӕйӕ нӕу. Бӕрнонӕй ӕххӕст кодтой сӕ хӕстӕ. Уӕд участокты милиционертӕ хуындысты, фӕлӕ Советон дуг куы фехӕлд, Америкӕ йӕ закъӕттӕ ӕхсӕнадон царды алы къабазы дӕр куы байтыдта, уӕд нӕм советон милиционеры бӕсты фӕзынд фӕсфурдаг пъӕлицӕ.
Цы уыдысты участокты милиционертӕн сӕ хӕстӕ Уӕд дӕр ӕмӕ абон дӕр архайынц, закъон сын сӕ бӕрны цы фӕзуӕттӕ бакодта, уым барадхъахъхъӕнынады фарстатыл архайын. Алы хӕдзары цӕрджыты дӕр бӕлвырд зонын, чи цы кусӕг у, цӕмӕй «улӕфы», уыцы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр.
Къудухты Константины фырт Григори абон дӕр цардӕгас у, Хуыцау ын бирӕ цӕрӕнбонтӕ раттӕд. Телефонӕй йемӕ куы аныхас кодтон, уӕд мӕ зӕрдӕ ӕхсызгондзинадӕй барухс. Ӕгайтма, нӕ буц хистӕр, закъоны бӕрнон кусӕг абон дӕр не ‘хсӕн ис. Милиционеры койӕ бирӕтӕ стъӕлфгӕ кӕнынц, ӕмӕ кӕд Гришӕ бирӕ азты бакуыста участочы милиционерӕй, уӕддӕр уыдис уӕздан ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг. Милиционер та хъуамӕ хъӕддых ӕмӕ карздӕр миниуджытыл хӕст уа. Къудухы-фырт ӕнӕхъуаджы, дзӕгъӕл ӕфхӕрд никуы никӕй бакодта, хъӕлӕсыдзагӕй никуы никӕуыл ныхъхъӕр кодта. Абон дӕр ӕй «легендарный участковый» хонынц Алагиры районы. ӕмӕ уый хуымӕтӕджы нӕ. Йӕ хъазуатон фӕллойӕ скодта йӕхицӕн ном адӕмы ‘хсӕн. Закъон закъон у, йӕ домӕнтӕ йын ӕххӕст кӕнын хъӕуы. Ӕмӕ сӕ ӕххӕст кодта Гришӕ дӕр, ӕрмӕст — уӕззау зонд ӕмӕ хиуылхӕцгӕйӕ.
Къудухты Константины фырт Гришӕ райгуырд ӕмӕ схъомыл Хуссар Ирыстоны 1941 азы. 1970 азы каст фӕцис Бакуйы астӕуккаг сӕрмагонд скъола ӕмӕ райста юрист-правоведы дӕсныйад. 1971 азы йӕ ӕрӕрвыстой Цӕгат Ирыстонмӕ. Райдыдта кусын Алагиры мидхъуыддӕгты оргӕнты хайады «инспектор-участковый»-й. Уыдис ӕнахъомты, «детская комната» кӕй хуыдтой, уыцы хайады инспектор дӕр. Дарддӕр Къудухы-фырт нысангонд ӕрцыд радхӕссӕг хайы хистӕр инспекторӕй. Мидхъуыддӕгты оргӕнты бакуыста 31 азы ӕмӕ майоры цины пенсийы рацыд 1997 азы. Гришӕ йӕ ӕнтыстджын хорз куысты тыххӕй хорзӕхджын ӕрцыд майданӕй, Кады гӕххӕттытӕ ӕмӕ ӕхцайы премитӕй.
Хъӕцмӕзты Шаликъо (Гукъури) уыдис тызмӕгцӕсгом, мадзура ӕмӕ хӕрзхуызтӕ бӕрзонд лӕг. Йӕ бур ӕртӕцалхон мотоциклыл-иу нӕ уынгмӕ куы ӕрбазылд, уӕд-иу мах, сывӕллӕттӕ, алырдӕмыты ныххӕлиутӕ стӕм: чи-иу кӕртмӕ балыгъд, чи уынджы бӕласы цонгмӕ гӕпп кодта, чи та-иу уынджы фӕхсбандоны бын абырыд. Цӕмӕн дзы тарстыстӕмӕ Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ уыцы рӕстӕг рӕзгӕ фӕлтӕр хъомыл кодтой Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты кинонывты хъайтарты патриотизмыл, ӕмӕ-иу уыцы кинонывты уыдтам немыцӕгты ахӕм мотоциклтыл ӕмӕ, Гукъурийӕн куыд йӕхицӕй, афтӕ тарстыстӕм йӕ мотоциклӕй дӕр. Хъӕцмӕзы-фырт бон дыууӕ хатты зылдис хъӕуыл — райсомӕй ӕмӕ изӕрӕй. Йӕ зӕрдӕ гуырысхо кӕуыл кодта, уыцы хӕдзӕрттӕм-иу комкоммӕ бараст ӕмӕ каст уавӕрмӕ. Уыцы рӕстӕг ахсджиаг уыдис, арахъхъ чи уагъта, уыдоны бӕрӕг кӕнын ӕмӕ сын ивар фидын кӕнын. Гукъури нӕ уарзта магусаты, цӕлуарзджыты та-иу ӕнцадӕнцойӕ нӕ уагъта. Кӕй-иу базыдта, уымӕн-иу ӕмгъуыд цалдӕр боны ратта, куысты куыд ныллӕууа, афтӕ. Уый нӕ, уӕд-иу сыл мӕгуырыбон акодта, арвы кӕрӕтты дзы-иу лыгъдысты. Алчидӕр ӕмбӕрста, Гукъуриимӕ хынджылӕггӕнӕн кӕй нӕй, дзырд загъта, уӕд ӕй ӕххӕст кӕнын хъӕуы.
Ахӕм ныхас ма Алагиры адӕмы ‘хсӕн дӕр баззад: «Гукъурийы ӕхситгӕнӕн», зӕгъгӕ. ӕрцӕуы, ӕмӕ уынджы кӕрон дард фӕсивӕд хыл кӕнынц, уӕд-иу ахӕм ӕхситт ныккодта, ӕмӕ-иу хъӕдмӕ дӕр фехъуыст. Искӕмӕ уазӕг бафӕстиат, уӕд-иу ӕй цалынмӕ сбӕрӕг кодта, чи у, кӕцӕй, уӕдмӕ-иу йӕхицӕн ӕнцой нӕ ардта.
Хъӕцмӕзты Шаликъо райгуырд 1937 азы Зилахары хъӕуы, абоны агуыридургӕнӕн заводы поселочы. Ахуырдзинадӕй йӕм дӕс къласӕй фылдӕр нӕ уыд. Уӕд нӕ фаг кодтой оргӕнты кусджытӕ, ӕмӕ бацыд уырдӕм кусынмӕ. ӕвӕццӕгӕн, йӕ туджы дӕр уыдис ӕгъдаухалджыты сӕ бынаты ӕвӕрын, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр, уый сын биноныг ӕмбарын кӕнын, ӕмӕ абон фидарӕй ис зӕгъӕн, Хъӕцмӕзы-фырт «йӕ бынаты» лӕуд уыдис, зӕгъгӕ. Уыцы заман каст цыдис ӕрыгон лӕппуйы физикон цӕттӕдзинадмӕ, хъару ӕмӕ ныфсджын уӕвыны миниуджытӕм. Шаликъо куыста Паддзахадон автоинспекцийы дӕр, Алагиры милицӕйы хайады хӕдзарады кусӕгӕй. Чи зоны, участочы милиционер дӕр нӕ уыд, фӕлӕ Гукъурийӕн амонын нӕ хъуыд, хауынц ӕви нӕ йӕ куыстмӕ, уыцы фарстатӕ, уый. Фӕлтӕрдджын лӕг домдта йӕ хъӕуы мидӕг алкӕмӕй дӕр фӕтк ӕмӕ ӕгъдау. ӕгъдауыл ахуыр кодта йӕхи лӕппутӕ Барис ӕмӕ Асланы дӕр. Асланимӕ иу скъолайы ахуыр кодтам, ӕрмӕст уый цыппар къласы уӕлдӕр уыд мӕнӕй, ӕмӕ не скъолайы фыццаг къласӕй дӕсӕм кълӕсты онг Шаликъойы фырты хуызӕн уӕздан ӕмӕ ӕфсармджын лӕппу нӕ уыд.
Канд Къудухты Гришӕ ӕмӕ Хъӕцмӕзты Шаликъо нӕ уыдысты ахӕм фӕлтӕрдджын ӕмӕ дӕсны милиционертӕ, фӕлӕ нӕ республикӕйы алы районы, алы фӕсвӕд хъӕуы дӕр уыд участокты милиционертӕ. Адӕймаг ӕмбисӕхсӕв уынджы куы баззадаид, уӕддӕр ыл ницы ӕрцыдаид. Фыдракӕндтӕ уыцы рӕстӕджыты дӕр уыдис, фӕлӕ-иу фыдгӕнджытӕн фидар ныхкъуырд лӕвӕрд ӕрцыд.
Абон та куыд кусынц участокты пъӕлицӕйӕгтӕӕ Горӕты бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты кӕртытӕ наркомантӕ фӕйлауынц, «ӕвӕрӕнтӕ» фӕагурынц ӕмӕ фылдӕр хатт цӕрджытӕй дӕр нӕ фӕтӕрсынц. Дзурын сӕм ничи уӕнды, оххай, исты фыдбылыз мын куы сараза, зӕгъгӕ. Уӕдӕ уӕладзгуыты фатерты ӕнӕзонгӕ адӕймӕгтӕ дӕр цӕры, чи сты, кӕцӕй, уый бӕрӕг та нӕй. Иуныхасӕй, советон цардӕй абоны хъуыддӕгтимӕ бирӕ цыдӕртӕ абарӕн ис ӕмӕ, хъыгагӕн, ивгъуыд рӕстӕджыты цы бирӕ хорздзинӕдтӕ уыд, уыдонӕн ма ӕрмӕст сӕ кой хъусӕм.
САУТӔТЫ Тамилӕ
✈️ https://t.me/gazetarastdzinad1923
Присоединяйтесь к ОК, чтобы подписаться на группу и комментировать публикации.
Комментарии 1