Предыдущая публикация
Æнусон цъитисæр къæдзæхтæ
Æдзæмæй дæлвæзтæм кæсынц,
Мæрдты нæ номдзыд рагфыдæлтæ
Нæ Иры "абон"- æй хъæрзынц.
Æфсæрмиагæй нæ кæнæм "фсæрмы,
Сæ фарн сын барвыстам мæрдтæм.
Хæссæм æгады цард нæ сæрмæ,
Æрмæст - сæ номæй ард хæрæм.
Æрмæст, - " Алантæ стæм, алантæ !"
Ныр уæ хъыгзæрдæйæ фæрсын:
Кæд уыд алантæм наркомантæ ?!
Фæрсмæ сæм чи уæндыд кæсын?
"Ирæттæм бирæ уыд хъайтартæ!" -
Нæ риутæ хойгæ хъæр кæнæм,
Фæлæ нын исынц ныр нæ бартæ
Æмæ æгомыгæй лæууæм...
Кæм ыстут, хъайтарты фæдонтæ?
Нæ зæхх, нæ дон куы сси уæййаг!
Гæртамхортæ æмæ сæ къордтæ
Ныр махæн амонынц фæндаг.
Фæтоны сау мастæй мæ зæрдæ.
Кæдæм ныхъхъæр кæнон, зæгъут?
Хатыр, нæ номдзыд рагфыдæлтæ...
Мæрдтæй хæрзаудæн кæнут.
Присоединяйтесь к ОК, чтобы посмотреть больше фото, видео и найти новых друзей.
Комментарии 17
Надо постараться опубликовать и в "Рæстдзинад"е и в "Пульсе Осетии". Если наша "Заря" и не осмелится пропустить такое стихотворение, то хоть листовками надо бы распространять...
Пусть это стихотворение станет последней каплей, которая разбудит наше спящее сознание
"Диссаджы мидисджын æмдзæвгæ. Рагæй нал фехъуыстон зæрдæйæ ахæм абухгæ æнкъарæнты ивылд.
Мидис æмæ рифмæйæ æххæст йæ æмвазынад. Бирæ йын бантысæд!"