Ирон адæммæ хистæр кадджын у, æгъдауы бæрзонд æвæрд у. Уый фæрсынц зондæй, фæлтæрддзинадæй, уый нымайынц, уый æрхъуыды кæнынц фыццагдæр алы хъуыддаджы дæр. Æрмæст нæм дон нуазгæ у кæстæрæй. Цæмæн? Уый фæдыл ис ахæм таурæгъ.
Кæддæр, дам, балцы цæуæг адæмы иу къорд тыгъд быдыры бирæ фæцыдысты. Бафæлладысты, бастадысты, фæлæ фылдæр сфæлмæцыдысты æнæ донæй. Хус быдыры нæ мæсчъы доныл сæмбæлдысты, нæ — суадоныл, нæ — цъайыл, æмæ дойныйæ сæ хъару батад, сæ ныфс асаст. Зæрондæй-ногæй, стырæй-чысылæй дзой-дзой кæнгæ цыдысты, хылдысты размæ. Кæдæм уыд сæ балц, уый сæ рох дæр фæци, æрмæст ма агуырдтой дон бануазынмæ.
Æмæ иуахæмы бахæццæ сты фæндаггæрон зæронд цъаймæ. Дон дзы систой æмæ йыл фæхæлоф кодтой. Фæлæ сæ уæрдоны сæ чысыл æртæаздзыд саби айрох. Сæ зæрдыл куы æрбалæу- уыд, уæд ма йæм дон бæргæ баскъæфтой, фæлæ уый уæдмæ йæ уд систа. Адæм куыддæр фæуыргъуыйау сты, сæ дойны кæй суагътой, уый æхсызгондзинад дæр сын æрбайсæфт.
Бирæ фæфæсмон, фæмæт кодтой, стæй рахастой ахæм фæнд: «Абонæй фæстæмæ дон нуазгæ уæд кæстæрæй, цæмæй ахæм бæллæх макæуылуал æрцæуа!» Уыцы хъуыды ахæлиу æппæт ирон адæмыл, æмæ нæм дон нуазгæ у кæстæрæй.
#таурӕгъ
#цгъойтыхазби
Присоединяйтесь к ОК, чтобы подписаться на группу и комментировать публикации.
Нет комментариев